Стихотворение про Маму на осетинском языке

Стихотворение про Маму на осетинском языке

Стихотворение про Маму на осетинском языке
0
11 мая 2021

***

Мæ мад

Цы бакæнон, мæ ныййарæг, мæхи мад, æнæ дæуæй куы нæ зонын цæрын,
Мæ хъæлдзæг цард мыл бонрæфты æрæнкъард.
Хъысмæты раз цæссыгкалгæ лæууын.

Дæуимæ æз цы сахаттæ æрвыстон —
Зæххы цъарыл сын никæд уыдзæн аргъ,
Мæ уды дæ цы фæлгонцæй ныффыстон
– Мæ царды мын у алкæмæй зынаргъ.

Мæ рæсугъд мад, мæ зондджын мад, мæ зæрдæ,
Куы нæ зонын цы фæкæнон мæхи.
Дæ къуымты ма дын агурын дæ фæдтæ…
æрмæст мæм фынты равдисыс дæхи.

Дæ фенынмæ – иу цингæнгæ тындзыдтон,
Зæрдæрайгæ-иу балыгътæн хъæмæ. Дæу агургæ – иу къæсæрыл ысдзырдтон:
Мæхи мамæ, кæцыран дæ? Кæм дæ?

Мæ ныхасмæ – иу рауадтæ нæ къуымæй,
— Ды дæ, мæ чызг? Кæцæй фæдæ, кæцæй?..
Куы –иу мæ тавтай мады уарзгæ хъармæй,
– Кæмæн ма уыд фылдæр амонд мæнæй.

Куыд буц уыдтæн, сæрæгас мын куы уыдтæ,
Мæ циндзинæдтæ ‘ппæлыдтæн дæуæн,
Дæ фарсмæ æз нæ хатыдтон мæ зынтæ,
Ныфс мын уыдтæ æдзухæй дæр мæнæн.

Фæлæ ныр та мæ буц цардæй фæцух дæн,
Дæу æрдыгæй мæ фидар къул æркалд.
Дæ къуымты ма дæ уарзт агур фæзылдтæн,
Фæлæ дæ уарзт æнусбонтæм ныссалд.

Мæ зæрдæйыл мын сæвæдтай хъæдгæмттæ,
æдзухæй дæр мын судзгæ рыст кæнынц,
Мæ дуне дæр мыл фенкъарди дæ фæстæ,
Цыма мæ зынтæ уымæ дæр зынынц…

Ныййарæг мадæй ницы ис зынаргъдæр.
Ныййарæг мадæн хъахъхъæнут йæ цард!
Дæ цинты дæр, дæ зынты дæр дæ уавæр æппæты тынгдæр бамбардзæни мад.

***

Комментировать
0
Комментариев нет, будьте первым кто его оставит

;) :| :x :twisted: :sad: :roll: :oops: :o :mrgreen: :idea: :evil: :cry: :cool: :arrow: :P :D :???: :?: :-) :!: 8O

Это интересно
Adblock
detector