Хъиамæтгун лæг е ’фхæлд къохтæй
Æ зæронд уæргутæ æрсæрфта.
Исуст хъуртæй, уарзгæ дзурдæй
Баба бæдолæмæ фæдздзурдта:
Базард:
<Дзайдзай, дзæкъолæ,
Бабай бæдолæ.
Гæп-гæп, гæбола,
Мæнгæй бæдолæ.> x2
Сувæллони фудаг кæнгæй,
Гъæуай кодта зæронд лæгæй.
Бацеу-бацеутæ имисгæй
Бæдолæбæл цийнæ кæнгæй.