Стихи О Любви На Осетинском Языке — подборка стихотворений

Стихи О Любви На Осетинском Языке — подборка стихотворений

Стихи О Любви На Осетинском Языке — подборка стихотворений
СОДЕРЖАНИЕ
0
09 мая 2021

ÆЛБОРТЫ Хадзы-Умар
МАДÆЛОН ÆВЗАГ

Дæ мады æвзагыл
Кæд дзурыс, кæд зарыс –
Дæ фыдгул ызнагæн
Йæ сау зæрдæ марыс.
Кæд рохæй ыскуыдта
Дæ мады æвзаг, –
Йæ къах дыл æркъуырдта
Дæ фыдгул ызнаг.
1980

Дзæмдзæмы суадон, тар æнусты ды
Цыдтæ сыгъдæгæй донмарæнты цадæг.
Дæ улæфтæй нæ царды хуымтæ – сатæг,
Уыдтæ æлутон куывд æмæ куысты.
Ды – арвы цæссыг. Уый ныхмæ цы сты
Æнуд æнтæф, сындзын арт æмæ уадæг!
Ды дæ нæ туг, нæ уды рухс, нæ кадæг,
Нæ фарны гæнах сыгъд æмæ хæсты.
Ныхасыс ды дæ бæркадæй фæлтæрты,
Хæссыс нæ цардæн фидауц æмæ уаг.
Быркуыйау систай ног дуджы дæ зæрдæ,
Тæхуды, уымæй чи баназдзæн фаг.
Нырма нæ удæвдз къæбицы æвæрд у,
Нырма дæуæй нæ Уацамонгæ – дзаг.

Уадз, равзæрæд сæдæ ‘взаджы мæ комы,
Хуыцау мын раттæд минмырон хъæлæс,
Цæмæй дæттон сæдæ нуазæны куывды,
Цæмæй ныззарон булæмаргьау æз.
Цæмæй нæ хæхтæм хорз уазæг куы ‘рцæуа, –
Æфсымæр ын йæхи ‘взагыл зæгъон.
Цæмæй фыдгæнæг мах бæстæм куы цæуа, –
Йæ ныхмæ кард йæхи ‘взагыл цæгьдон.
Фæлæ уæддæр, уæззау тохтæм цæугæйæ,
Нæ фыдæлтæ цы ‘взагыл хордтой ард,
Цы ‘взагыл хъусын Терчы ирд уылæнтæм,
Кæй фæрцы ис нæ хорз æгьдæуттæн цард,
Цы ‘взагыл кодта хъарджытæ ныййарæг,
Йæ дарæгæй йæм сау гæххæтт куы ‘рцыд,
Цы ‘взагыл дзурæм: «Фесгуыхт та ирон лæг!» –
Зæгьут-ма, уый куыд бамыр уыдзæн, куыд?!

Кæмæй ферох уа райгуырæн хæдзар,
Уый не ‘рымысдзæн райгуырæн хъæуы дæр,
Æмæ йæ дард фæхаста, зæгъгæ, цард,
Уæд не ‘стыхсдзæн, Фыдыбæстæ, дæуыл дæр!
Кæмæ нæ фæкаст мады ‘хсыр хæрзад,
Уый адæмæн нæ фæлæудзæни дзагдар.
Кæмæн нæу адджын мадæлон æвзаг,
Уый никуы уарздзæн искæйы æвзаг дæр.

У иу æвзаг дæр а дунейæн фаг,
Фæлæ нæ ивынц мады риу æндæрыл.
Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлтьг æвзаг,
Кæд ма æрбайсæфт хоры нæмыг мæры?!
Ды незаманæй ацы боны онг
Нæ фесæфтай дæ уаз хъæлæс, дæ намыс.
Æнус-æнус дæ сыгъдæг уды конд
Цырен арт æмæ карды комыл бахсыст.
Тыгъд быдыры дыл дымгæйы ныхмæ
Лæхурдта Скиф йæ тызмæджы ныхæстæ.
«Тох. Тох. » – сæрмæттаг сабийы дзыхæй
Ысхаудта дзырд лæг у, æрцыд йæ рæстæг!
Гуыпп. Мыхъхъ. Тъæпп. Дæнг,–
ныффæсус и дæ хъуыр,
Ныццарыдта алайнаг мады хъарæг.
Фæразон дæ, æнхъæлмæгæс, мæгуыр:
Кæд дыл ныккæндзæн иу фæрныг та зарæг!
Фæлæ дæ рæстæг а фарнæй хызта,
Дæ сызгъæрин æй ракалын нæ фæндыд.
Ныззарыд уæд ирон лæппу – Кьоста –
Æмæ дæ тулдз йæ уидæгтæм нызмæлыд.
Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлты æвзаг, –
Дæ зæронд мад у ацы зæххы къори,
Æмæ куы сæфай (ма зæгъæд ызнаг), –
Дæуимæ сæфы дунейы истори!

Ирон æвзаг – нæ фæндыр æмæ кард,
Нæ хох-быдыр æмæ нæ уæзæг,
Ирон адæмæн се стыр фарн, сæ ард,
Нæ къонайæн йæ зынг, йæ фæздæг.
Ирон æвзаг – хæдзарон дзулы тæф,
Къуыбыры цин, хуымоны зарæг:
Нæ хъæбултæн – сæ тугдадзины цæф,
Фæдис заманы – уартриу барæг.
Мæ зæрдæ къултыл бахойы йæхи, –
Ирон лæг нал дзуры иронау.
Æндæр æвзæгтæй буц кæнæм нæхи.
Ирон та абухгæ у, донау.
Куы нæ зара йæ рæзгæ хурæн мад
Иронау "а-ло-ло, цы-цы-тæ".
Ирон лæппу куы нæ зæгъа: "мæ уарзт",
Уæд дарæм не ‘взагмæ æрцытæ.
Æви та уый дæр модæйыл у баст,
Кæй ивæм "Хонгæ кафт" "Чарльстоныл".
Сæ лæвар Нартæн – хъисфæндыр фæсаст –
Уæвгæ, цы фæндыр уыд, мæ боныл.
Фæлварæнтæн куы разынæм лæмæгъ,
Уæд махæн уый уыдзæн ирони.

Цы у ирон æвзаг мæнæн?
Мæ кувæндон, мæ цард,
Сæууон хуры тæмæн,
Мæ удлæууæн мæ уарт.
Цы у ирон æвзаг мæнæн?
Мæ нысан æмæ фат,
Нæ ивгъуыдмæ дæгъæл,
Нæ фидæнмæ фæндаг.
Æнæ уый æз цы дæн?
Æнæ фæттæ æрдын,
Æнæ хъама кæрддзæм,
Æнæ хъистæ фæндыр.
Æнæ уый æз цы дæн?
Æнæ уый æз нæ дæн.
2001

ИРОН ÆВЗАГ – СÆДÆ ‘ВЗАДЖЫ ÆМКАД

Æппæт æвзæгтæ – не ‘ппæт царды фидыц,
Сæ бирæ зæлтæ – иумæйаг бæркад.
Кæрæдзимæ "фылдæр цæра" – мæ сидынц,
Сæдæ ‘взаджы мæнæн кæнынц лæггад.
"Салам, Ханум!" – мæм хуры тын æрхоны,
"Ламази гого" барухс кæны риу.
Зæххыл цæрæг уырыссаг "здравствуй!" зоны,
Æппæт адæмты "Дружба" кæны иу.
Уæдæ "СÆРИБАР", "САБИТÆ", "МÆ БÆСТÆ",
"НÆРТОН ÆХСАР", "ФЫДÆЛТЫ НАМЫС", "МАД",
Кæцы ‘взаджы ис уа рæсугъд ныхæстæ?
ИРОН ÆВЗАГ – æппæт æвзæгты ‘мкад!

Уыд незаманты хъомпал цард зæххыл
Æмуд, æмзæрдæйæ уæвынæн,
Кæрæдзийæн хуыздæр хæрзтæ кæнынæн
Хуыцау ыстыр лæвары бацыд
Æмæ сæ алы адæмæн дæр радта –
Сæ цин, сæ хъыг, сæ тыхст,
Сæ зондахаст кæрдынæн
Мадæлон æвзаг,
Æмæ йыл чи дзура æдæрсгæ, –
Кæрæдзи ‘мбаргæйæ цæрдзысты,
Дывæр сæ хъарутæ кæндзысты,
Ныхкъуырд сæ фыдгултæн дæтдзысты,
Сæ фарн тырысайау хæсдзысты,
Уыдзæн сæ фидæн рухс æмæ хæдбар.
Æндæр адæмыл – дард уа йе сыхаг –
Сæ фарсхæцæг, сæ цины уа, сæ хъыджы,
Æдзухдæр иузæрдион уыдзысты,
Тæхудиаг уыдзæн сæ цард,
Æмæ сæм адæмтæ тырндзысты.
Бæрзондылбадæджы лæвар
Цы адæм рохуаты ныууадзой –
Цæрæнбон цоппайаг уыдзысты,
Кæрæдзи хæрынмæ цæудзысты.
О, уыдæттæй нæ бахиз, Стыр Хуыцау!

КАСАТЫ Батрадз
ИРОН ÆВЗАДЖЫ САГЪÆС

Мæ ном хæссæг адæм!
Мæн радта сымахæн
Ыстыр Хуыцау цардæн.
Лæггад уын фæкодтон
Зæлланггæнаг мыртæй
Уæ маст æмæ уарзтæн,
Уæ хъарæг, уæ зардæн.
Ныр сидзæр сабийау,
Фыдусы æлгъыстау
Уæ хъалты фæндиаг кæнын.
Уæ царды фæндæгтыл мæ
Дардмæ лыгъдыстут,
Æрмæст ма уæ сусæг нымыгъдæн хъæуын.
О дуджы цагъартæ!
О рæстæджы хъалтæ!
Кæдæм мæ фæтæрут æнæном цыртæн!?
Уæ тæригъæд карз у,
Мæн фæхæссын уаз у,
Цæмæй уын фæбæзза уæ саби фыртæн,
Ныййарæджы риуæй,
Йæ зарæг, йæ цинæй
Æз суадонау хур бон сымахмæ цыдтæн.

***
Ирон æвзаг, мæ рухс бæллиц, мæ цин дæ,
Ирон æвзаг – мæ судзгæ уарзт, мæ мæт!
Мæнæн ды амонд цардхæссæг æхсин дæ,
Цъæх арвы бын дын макуы уæд мæлæт!

Мæ мад дæр ирон у, мæ фыд дæр,
Мæхæдæг дæр, мардзæ, ирон.
Фæлæ уын куы фæуин цыфыддæр,
Нæу дзурын иронау мæ бон.
Уырыссагау Пушкин, Толстойы
Мæ чысылæй нырмæ кæсын.
Сæхи ‘взагыл Байроны, Пойы
Æнæ тæлмацгæнæг фæрсын.
Фæлæ мын нæрæмон Къостайы
Фæхъæуы æнæмæнг тæлмац.
Мæ зæрдæ мæхицæй нæ райы.
Ыссæуы мæ хъуырмæ мæ маст.
Кæй аххос у? Чи у йæ марæг
Нæ ирон æвзагæн уæддæр?
Нæхæдæг! Хъæудзæнис ныл хъарæг;
Æвзæр нæм нæ кæсы æвзæр.
Нæ дзурæм иронау нæ цотмæ.
Уый не скæндзæн махæн цæсгом.
Нæ, дам, хъæуы дарддæр Елхотæй,
Цы ‘мбæхсæм, фæдзурæм æргом.
Уæдæ дзы Шегрен, кæнæ Миллер
Сæхицæн куыд ыскодтой цыт?
Иронау куыд ысдзырдта Шиллер,
Кæд не ‘взаг мæгуыр у, æдзыт?
Æнæмæлгæ гени Шекспир нын
Куыд бавзæрста не ‘взаджы тых?
Цæмæн ысси номхæссæн Ирæн,
Кæд не ‘взаг лæмæгъ у, къуымых?
Уæдæ йыл зæрдæбынæй риссæм,
У не ‘взаг нæ намыс, нæ кад.
Бæрзонд æй нæ хурæмвæз сисæм,
Рæсугъддæр кæндзæнис нæ цард.

99 Пожалуйста дождитесь своей очереди, идёт подготовка вашей ссылки для скачивания.

Скачивание начинается. Если скачивание не началось автоматически, пожалуйста нажмите на эту ссылку.

Описание книги "Ирон фæндыр"

Описание и краткое содержание "Ирон фæндыр" читать бесплатно онлайн.

Коста Хетагуров считается основоположником литературного осетинского языка. В 1899 году он выпустил поэтический сборник «Осетинская лира», в котором, среди прочего, были впервые опубликованы стихи для детей на осетинском языке.

Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста

Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг,
Кæуæгау фæкæса, мыййаг, —
Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг,
Уый зарæд йæхи фæндиаг.

Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,
Куы бафидин искуы мæ хæс,
Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,
Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс…

Мæ удылхæцæг
Æнæ æнцой уа,
Мæ мады зæнæг
Мæ мардыл кæуа!

Куыд зæхмæдзыд дæн,
Куыд фыдуаг хæссын, —
Мæ фыдæн фыртæн
Цæуылнæ бæззын?

Хъæубæстæй – хъоды,
Æмгартимæ – сырд,
Ныхасы – гоби, —
Нæ мæ хауы дзырд.

Мæ зонд, мæ фæндыл
Нæ лæууы кæстæр,
Кæстæр мæ фæдыл
Нæ цæуы хæстмæ.

Бæсты сæрвæлтау
Нæ кæлы мæ туг;
Хæссын, къæлæтау,
Цагъайраджы дуг.

Тызмæгæй мæм ма кæс,
Мæ фыды зæронд,
Дæ зæрдæмæ ма хæсс
Мæ зæрдæйы конд!

Йæ фыды фæндиаг
Кæм вæййы фырт дæр? —
Лæппуйæ рæдиаг
Нæ вæййы æвзæр!

Дæ номыл, дæ кадыл
Нæ барын мæхи, —
Ныууадз мæ мæ адыл, —
Фæндон хорз кæм и.

Æз топпæй нæ хъазын,
Æз барæг нæ дæн;
Æхсаргард æсласын
Мæ бон нæу мæнæн…

Фæхудæнт мыл хъалтæ,
Ды се ‘мбал нæ дæ!
Мæ гутон, мæ галтæ —
Мæнæн дæр цæттæ!

Мæ гутон, мæ галтæ —
Мæ фæндыр, мæ зонд;
Мæ кадæг, мæ зарæг —
Мæ цард хоры конд.

Нæ дзыллæйы зæрдæ —
Мæ хуымгæнды хай;
Нæ бæсты сагъæстæ —
Мæ фæззыгон най…

Дзаг хорæй мæ хордон,
Бæркадджын мæ зæхх,
Хæдтулгæ мæ уæрдон,
Мæ фæндаг уæрæх…

Мæгуырæй мын ма тæрс,
Мæ фыды зæронд, —
Дæ зæрдæмæ ма хæсс
Мæ зæрдæйы конд.

Бирæ фæлмæн тынтæ зæрдæ нывæнды, —
Бар ма йын радт.
Бирæ цыдæртæ мæгуыры фæфæнды
Иуæй-иу хатт.

– Гъæй, джиди, – афтæ фæзæгъы йæхицæн, —
Искуы æздæр
Адæмы фарнæй куы скæнин мæхицæн
Кад æмæ сæр!

Тарфдæр мæ зæрдæ йæхимæ куы хæссид
Искæй зынад,
Дунейы хæрзтæй хуыздæр мæм куы кæсид
Уарзондзинад.

Æз дæ зарынмæ куы хъусын,
Уæд хъæлдзæгдæрæй фæкусын,
О, мæ хуры хай, —
Азар-ма, чызгай.

Мах бар нал æсты нæ сæртæ…
Азар, цалынмæ дæ зæрдæ
Не ссау фырмæстæй,
Адæмы мæтæй.

Адæмæн зæхх у сæ дарæг…
Азар. Ракæ мыл-иу хъарæг, —
«О, мæ бон, – иу зæгъ, —
Байстой нын нæ зæхх. »

Нал дæ бахъæудзæн ныр рувын..
Азар. Сахуыр мæ кæ кувын.
Ма фæлидз тæргай,
О, мæхурыхай.

Фесæф, фесæф, цард,
Сау лæппуимæ,
Тагъд дæлдзæх фæу
Ме ‘намондимæ! —

Калмау мын мæ риу
Судзгæ баууыддта
Маст – зæрдæхалæн,
Йæ тых басæтта!

Афæлывта мæ
Сауæрфыг рæсугъд…
О, мæ худинаг,
О, мæгуыр мæ уд.

Дзырд Хуыцауы раз
Радта иннæмæн, —
Къухæй нал ласы
Ныр йæ къухдарæн…

Гъей, чызгай, цæмæн
Афæлывтай мæн.
Цæй, дæ Хуыцау дын
Уæд тæрхонгæнæг.

Даргъ хæххон зымæг,
Уалдзыгон бонау,
Ныр æрымысын.
Æз, фынфенæгау…

Кæд кæрæдзийы
Фаг нæ рæвдыдтам?
Кæд кæрæдзийæн
Фаг нæ фæдзырдтам

Уарзон ныхæстæ,
Цард æнхъæлæджы.
Гъей, цы хъал уыддæн
Уыцы рæстæджы.

Ныр дæу чи хæссы,
Уый йæ лæджыхъæд
Мемæ бавзарæд,
Кæд хуыздæр у, уæд!

Йе – йæ топпæй хъазт,
Йе – йæ бæхыл бадт,
Йе – йæ кæсгон кафт,
Йе – йæ цæгъдгæ зард!.

Дæу сырх дарийæ
Хорз æсфæлыста!
Дæу сызгъæрин рон
Нарæг балвæста.

Риуы ‘гънæджытæ
Хъазынц стъалытау…
Уæд дæ хæрдгæхыуд,
Уæд дæ алы ‘гъдау!…

Фесæф, фесæф, цард,
Сау лæппуимæ,
Тагъд дæлдзæх фæу
Ме ‘намондимæ!

Калмау мын мæ риу
Судзгæ баууылдта
Маст – зæрдæхалæн, —
Йæ тых басæтга!

Зонын, æфсæрмæй кæудзыстут,
Бавæрдзыстут мын мæмард,
«Рухсаг у, рухсаг, – зæгъдзыстут,
Ницæмæн уал уыд дæ цард!»

Зонын, æргæвддзыстут исты, —
Мардыл ма чи дары ком? —
Алчи æфсæстæй мæ хисты
Ссардзæн арахъхъæй мæ ном.

Иу бон æгъгъæд у мысынæн,
Иу бон кæндзыстут мæ дзырд,
Уый фæстæ ферох уыдзынæн, —
Ничи уал зондзæн мæ цырт.

Тæхудиаг, буц хъæбулæй
Йæ уалдзæджы царды хурæй
Чи бафсæст йæ мады хъæбысы!
Тæхуды, æрæгвæззæджы,
Хъæлдзæгæй æнкъард рæстæджы
Йæ рагуалдзæг хорзæн чи мысы!

Тæхуды, йæ фыды зæххыл,
Йæ уарзон æмгарты рæгъыл
Кæмæн хъуысы дардмæ йæ зарæг!
Тæхуды, йæ гутонимæ,
Хæрзифтонг бæхуæрдонимæ
Йæ бинонтæн чи у сæ дарæг!

Тæхуды, йæ дзыллæйы раз
Чи ракæны барджын ныхас,
Кæй фæрсынц, кæй равзарынц зондæй!
Тæхуды, йæ уарзондзинад,
Йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад,
Чи уадзы уæлæуыл зæрондæй.

Ифтонг хызынæй, лæдзæгæй, æрчъитæй,
Скодтон уæрдæхæй дзыхъыннæуæг рон,
Ис ма цыдæртæ мæ кæрцы фæдджитæй…
Дард у мæ фæндаг… Зæгъын дын: хæрзбон.

Рагæй мын «ацу» дæ цæстæнгас дзуры,
Рагæй дæ кодтон мæ уындæй тæрсын;
Зонын, дæ зæрдæ куыд ризы мæ цуры,
Хъусын ныр дæр ма йæ сусæг хъæрзын…

Гъеныр хæрзбон, мæ хур. Нал мæ уындзынæ,
Дардмæ дæ хæддзуйы мацæуыл дом!
Райсом мæ цæстæнгас ферох кæндзынæ,
Ферох кæндзынæ иннæбон мæ ном…

Чи зоны, искуы æрыфта дæ зæрдыл
Иунæджы сагъæс, мæгуыры бæллын, —
Чи зоны, искуы куы уайа дæ цæстыл —
Уазал æхсæвы фæндагыл мæлын, —

Ма иу фæтæрс, чызгай! Ахæм фыдфынтæ
Дардæй дын амонд хæсдзысты уæддæр, —
Исчи та исы йæхимæ дæ рынтæ,
Исчи дын хъары нывондæн йæ сæр…

Хонын æмбалæн нæ фыдбылыз мемæ, —
Тагъддæр мæ балцæн йæ фæстаг кæрон
Уый «фæндарастæй» кæд ссарин æз йемæ..
Ма фæфæсмон кæ. Хæрзбон у, хæрзбон.

Адæмæн сæ рæсугъд уæттæ
Хъармæй, райдзастæй лæууынц,
Махæн та нæ сывæллæттæ
Уазал лæгæты кæуынц…

Адæмæн сæ чындзхонты хъазт
Хæхтæ, къæдзæхтæ хæссы,
Махæн та нæ гæдыйы уаст
Мардыл кæуæгау хъуысы…

Адæмæн сæ цæхджын фыдтæ
Царæй фæныкмæ тæдзынц,
Махмæ та хæлынбыттыртæ
Цары ахсдæттæ кæнынц…

Адæмæн сæ фæззæджы куыст
Не ‘ссы афæдзмæ куырой,
Махæн та нæ афæдзы мызд —
‘Гасæй иу хоры кæфой.

Зымæг нæ хæхты цух нæ уадзы, —
Лæджы æмбæрц æруары мит;
Æфцæгæй коммæ уад дзыназы;
Их доныл саразы йæ хид.

Æхсæвæн нæм кæрон нæ вæййы…
Тæхудиаг кæм нæ у сæрд!
Сæнар кæмæ нæй, уый ныссæйы, —
Цырагъ нæм чи судзы фæсхæрд.

Нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн, —
Йæ сихор, йе хсæвæр – йæ мæт;
Иæ уат – ыскъæт, зыгуым – йæ лыстæн,
Хъæбæр – йæ цъæх хуыссæн нымæт…

Кæд рухс нæ баййафы йæ цардæй,
Йæ бон кæд арвиты зынтæй, —
Уæддæр нæ ныххуыссы æнкъардæй —
Йæ зæрдæ хъал вæййы фынтæй.

Къух дæ ауызын фæразы…
Мæй дæ авдæнимæ хъазы.
Стыр лæг мын ысуай.
А-лол-лай.

Ракæндзынæн дын мæ зарæг…
Искуы кæд ысуис мæ дарæг,
Урс уæрыкк дын уон.
О, мæ бон.

Зындонæй фыддæр нæ цæрæн…
Нал у ныр дæ фыд йæ сæрæн
Сау хæххон куыстæй…
Ахуысс, цæй.

Искуы мын куы схъомыл уаис,
Уæд ды дæр дзы цух нæ заис,
Бирæ мын цæрай.
А-лол-лай.

Скæнис хъугдзармæй æрчъитæ,
Къахис митбынæй мæхъитæ,
Стонг æмæ сыдæй…
Ахуысс, цæй.

Сугтæ мын хæссис æргъомæй…
Бадзурин дæм уæд æргомæй:
Мады зæрдæ зон,
О, мæ бон.

Бадзурин дæм: уарз нæ бæстæ,
Ма цæ суæлдайкæ нæ фæстæ,
Ма цæ бафæллай.
А-лол-лай.

Фæндараст. Фервæзтæ нæ мæтæй —
Хуыцауы мацæмæй уал дом! —
Мæрдты дын хай уыдзæн дзæнæтæй,
Уæлæуыл баззайдзæн дæ ном.

Лæппуйæ базæрондмæ царддæ
Мæстджынæй адæмы мæстæй;
Æхсæв цырагъдарæй фæхаттæ
Хæларæй, уарзонæй, рæстæй…

Дæ мадау бауарзтай нæ бæстæ,
Фæцыддæ мæгуыртæн фыййау…
Цæмæй дын фиддзыстæм дæ хæрзтæ,
Цæмæй дын раддзыстæм æгъдау.

Фыдæй фыртмæ нæ уд, нæ зæрдæ
Дæ рухсæн хъардзыстæм, бæргæ,
Фæлæ та сагъæссаг нæ сæртæ,
Дæ фæстæ чи баззад кæугæ.

Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд,
Нæ зонын мæ мады рæвдыд,
Нæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй.
Кæмдæрты æнæсæронæй,
Æдыхæй, æцæгæлонæй,
Мæ уалдзæг æрвыстон фыдбонтæй…

Фæхæссон-ма, загътон, уæддæр
Фæстæмæ мæ иунæджы сæр
Мæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм…
Мæ цæстысыг донау мызти,
Мæ зæрдæ фырцинæй рызти, —
Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм.

Æрцыддæн… Мæхицæй фыддæр
Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр,
Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм.
Нæ хæхтæй, нæ тыгъд быдыртæй
Æмхуызон нæ иуæн дæр нæй, —
Кæм кусæм, кæм цæуæм, кæм бадæм.

Лæджы хуызæн лæг нæм – ыстæм,
Бæрæг дæр нæ нал ис, цы стæм,
Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг? —
Кæдæмдæр ма хилæм куырмæй…
Гъе, Уастырджи, ракæс, цæмæй
Нæ фæуæм бынтондæр фыдвæндаг.

Комментировать
0
Комментариев нет, будьте первым кто его оставит

;) :| :x :twisted: :sad: :roll: :oops: :o :mrgreen: :idea: :evil: :cry: :cool: :arrow: :P :D :???: :?: :-) :!: 8O

Это интересно

Стихотворение Про Успенского Стихи
0 комментариев

Стих Про Восход Стихи
0 комментариев
Adblock
detector