Доклад; quot; Ирон ныхасы культурæ; quot; Статья на тему Образовательная социальная сеть

Доклад; quot; Ирон ныхасы культурæ; quot; Статья на тему Образовательная социальная сеть

Доклад; quot; Ирон ныхасы культурæ; quot; Статья на тему Образовательная социальная сеть
СОДЕРЖАНИЕ
0
06 мая 2021

Содержание

Скачать:

Вложение Размер
iron_nykhasy_kulturae.doc 70 КБ

Предварительный просмотр:

ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг

Ныхасы культурæйы хицæн фарстатæ.

Фæстаг заман мах ирон ныхасы культурæйы фарстатыл арæхæй-арæхдæр дзурын райдыдтам. Æмæ уым диссагæй ницы ис. Ныхасы культурæ у адæймагæн йæ мидкультурæ æвдисæг, йæ мадæлон æвзагмæ, йæ адæмы æнусон хæзнамæ цы зæрдæ дары, уый æвдисæг. Æппынфæстаг ныхасы культурæ æвдисы адæймаджы хъуыдыкæнинады миниуджытæ.

Ирон ныхасы культурæ æнцой кæны не ’взаджы нырыккон литературон домæнтыл. Уыдон æргомгонд цæуынц æвзаджы абоны дзырдуатон, грамматикон, мырон, интонацион æмæ æндæр фæрæзты руаджы. Уыцы домæнтæм гæсгæ аразы йæ ныхасы аивдзинад.

Ныхасгæнæг кæддæриддæр тырны цæмæй ацы хъуыды равдисынæн ацы ран кæнæ ацы уавæры хуыздæр чи уыдзæн, хуыздæр чи сфидаудзæн, ахæм мадзæлтæ ссарынмæ. Уый тыххæй æвзаджы домæнтæ зонын фаг нæу. Уыдонæй фыссæг кæнæ дзурæг хъуамæ пайда кæныл зона, арæхса.

Иу æвзагыл дзурджытæй иутæн сæ ныхас вæййы æгъуыз æмæ æдых, иннæтæн тыхджын, нуарджын, аив.

Ирон æвзаг у тынг тæссаг æмæ рæсугъд, хъæздыг æмæ цардхъом. Рагон сомихаг фыссæг Егише (цардис V æнусы) йæ зааны тæккæ нымаддæр фараст æвзагæн сæ миниуджытыл дзургæйæ алайнагæн скодта йæ «хæрзаив».

Зонгæ ахуыргонд проф. Г.О.Винокур фыста, ног культурæйы рæзтæн уæвæн нæй æнæ лингвистикон культурæ, уымæн æмæ «æвзаг у культурæйы кусæнгарз», лингвистæ та сты «æвзаджы инженертæ», зæгъгæ. «Культурон ныхас – фыста уый, — кæнд æмбаргæ æмæ дæсны ныхас нæу, фæлæ ма уый æвæрцонæй фæзыны æвзаджы рæзтыл дæр». Ирон ныхасы культурæйы бирæ фарстатæ ис, фæлæ уал мах ам уыдонæй æркæсдзыстæм æрмæст иуæй-иутæм.

Ирон æвзаджы ивддзинæдтæм йæ хъус чи дары, уыдон хорз зонынц ацы хъуыддаджы дыууæ тырнындзинады. Иуæй, — не ’взагыл тынгæй-тынгдæр зыны уырыссаг æвзаджы хъомыс æмæ уыцы хъуыддагæн æнæфæзынгæ нæй лексикæйы рæзтыл, адæмы ныхасыл. Иннæрдыгæй та – сыгъдæг литературон уагыл дзурынмæ тырнындзинад.

Уырыссаг æвзаджы хъомыс иудадзыг дæр тыхджындæр кæны æмæ уымæ гæсгæ иуæй-иуты ныхасы (мадæлон æвзаг иттæг хорз чи зоны, уыдоны ныхасы дæр) хатгай хицæн нæхъæугæ дзырдтæ февзæры, æнæхъæн дзырдбæстытæ кæнæ суанг хъуыдыйæдтæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм уагæн сыгъдæг литературон æвзагыл дзурджыты ныхасы хъуамæ бынат ма уа.

Хъуыддаг уымæ цæуы, æмæ хатгай нæ ахуыргæндтæ, суанг ирон æвзаджы сыгъдæгдзинадыл аудæг фысджытæй дæр иуæй-иутæ цитатæ, æнæхъæн æбзацтæ кæнæ тексты фæзгъæртæ сæ фыстыты æрхæссынц уырыссагау. Цыма уыдонæн авторы ныхæстæй зæгъæн нæ вæййы? Сæ ратæлмац ахæм зын хъуыддаг у? Стыр хъыгагæн, газеты, журналты редактортæ ацы «процессмæ сæ хъус нæ дарынц, æмæ цитатæтæ уырыссагау фыссын ссис «мода» (Арæх æмбæлæм).

«Сыгъдæг ирон ныхас» цы у, уый дæр ерысаг фарста ссис. Ацы хъуыддаджы дæр нæ адæм иу зондыл нæ хæцынц. Иуæй-иутæ хъуыддаг афтæ мбарынц цыма растдæр у рагон ирон æвзагыл, Нарты кадджыты, адæмон аргъæутты, æмбисæндты æвзагыл дзурын. Ома зæгъынц уыдон ирон æвзаг æмбисонды хъæздыг у æмæ дзы æрбайсгæ дзырдты æмæ терминты сæр æппындæр ницæмæн хъæуы, зæгъгæ, æмæ тох кæнынц æрбайсгæ дзырдты ныхмæ. Цы зæгъæн ис ахæм тырнындзинады тыххæй?

Иннæрдыгæй та ирон æвзаджы лексикæйы бирæ хъæугæ дзырдтæ рохуаты баззадысты, сæ бæсты та фæзындысты ног дзырдтæ. Ахæм уавæры алцыдæр хъуыдыйаг у. Зæгъæм, дзырд дельфин алкæмæн дæр хорз зындгонд у, фæлæ абоны бон ирон адæмæй искуы-иуæй фæстæмæ ничи зоны, йæ бæсты нæ фыдæлтæ сæмгæвæй кæй пайда кодтой, уый. Раст ахæм ахастдзинæдтæ сбирæ æндæр «зæронд» æмæ «ног» дзырдтæн, зæгъæм: алчер æмæ епископ, уырыдзы æмæ маркъоф, æмæ æнд.

Нæ ныхасы культурæ.

Фыдæй фыртмæ æвзаг уыдис адæмты кæрæдзиимæ æмбæлыны ахсджиаг фæрæз. Уымæн хъахъхъæдтой раззагдæр адæмтæ æнусты дæргъы æвзагæн йæ сыгъдæгдзинад, йæ культурæ.

Æркæсæм ма нæхи ирон æвзагмæ, нæ ныхасы культурæмæ. Ирон æвзагыл бирæ бакуыстой ахуыргæндтæ-лингвистæ куыд революцийы агъоммæ, афтæ советон дуджы дæр.

Дзæвгар зонадон – иртасæн куыстытæ бакангæйæ, уыдонæй алчи æрцыдис хатдзæгмæ, зæгъгæ, ирон æвзагæн ис, дунейы адæмты æвзæгты хсæнæй кадджын чи кæны, ахæм бæллиццаг бындуртæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй алы взагæн дæр йæ культурæйы бæрæггæнæнтæ фыццаджыдæр сты йæ орфографи (растфссынад) æмæ орфоэпи (растдзурынад). Орфографийы æмæ орфоэпийы размæ лæууы стыр æмæ вазыгджын хæс: литературон æвзаджы культурæ иудадзыг рæзын кæнын æмæ йæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ рæсугъдæй хæццæ кæнын.

Ирон ныхасы культурæйыл тох кодтой нæ фыдæлты фыдæлтæ дæр. Махмæ рагæй æрæгмæ кадджын уыдысты хсæны лæгтæ кæй хуыдтой, уыцы дзырддзæугæ адæймæгтæ. Фыццаджыдæр кадджын уыдысты сæ дзыхы ныхасы тыххæй, бæлвырддæр та сæ хъуыдытæ мадæлон æвзагыл зæгъын хорз кæй арахстысты, уый тыххæй. Сæ бæрны иу сын бакодтой цыфæнды зын хъуыддаг дæр; туджынты бафидайын кæнын, зианы уæлхъус раныхас кæнын æмæ а.д. Кæд æнахуыргонд уыдысты, абон мах нæ цардæгас литературон æвзаджы æгъдæуттæ кæй хонæм, уыдон нæ зыдтой, уæддæр арæхстджынæй, тынг дæсны пайда кодтой не ’взаджы хъæздыгдзинæдтæй.

Цард размæ цæуы. Фæлтæр ивы фæлтæры. Абон ирон литературон æвзагыл дзурынц нæ театрты, радио æмæ телеуынынады, ахуыр æй кæнынц скъолаты. Раст куы зæгъæм, уæд не ’взагæн абоны бон бирæ рæвдздæр сты йæ растфыссынады æгъдæйттæ йæ растдзурынады æгъдæуттæй.

Цард куыд æвдисы, афтæмæй ныртæккæйы рæстæджы цæмæндæр ныхасы культурæмæ фаг æргом здæхт нæ цæуы. Мадæлон æвзагыл рæсугъд дзурынмæ бирæтæ дзæбæх нæ арæхсынц, уæлдайдæр та фæсивæдæй. Арæх фехъусæн вæййы: «Ахæм ма дзы рæсугъд дзургæ уа», «Гъе, уый дын мæлгъæвзаг», «Тынг дзырдарæхст у» æмæ а.д. Стыр дисы сæ бафтауы не ’взаджы хъæздыгдзинад. Кæнд рæсугъд дзурæгмæ нæ батæхуды кæнынц, фæлæ ма мадæлон æвзагыл кæсынмæ чи фæарæхсы, уыдонмæ дæр.

Вæййы афтæ æмæ иу кæнæ иннæ адæймаг тырнын райдайы ирон æвзагыл хорз дзурынмæ. Сæ хуыр кæны ирон литературон растдзурынады æгъдæуттæ грамматикæйы фæрцы, фæлæ уæддæр йæ бæллиц нæ сæххæст вæййы, уымæн æмæ арвылбон нæ фæфæлтæры йæ теоретикон зонындзинæдтæ практикæйы фæрцы бафидар кæныныл.

Кæддæр, дам, иу чидæр афтæ загъта, зæгъгæ, дам, ирон æвзаг Елхотæй дæлдæр никæй хъæуы. Тынг æнæбындур ныхас уыдис уый. Ирон æвзаджы æртхæрæны дæсны профессор Абайты Васо нæ университеты филологон факультеты студенты раз ныхас кæнгæйæ афтæ загъта: «Мæ царды фылдæр рæстæг Мæскуыйы арвыстон. Фæлæ абоны онг мæ мадæлон æвзагыл стырзæрдæ нæ кæнын. Истæуыл куы фæкусын, уæд ыл фыццаг фæхъуыды кæнын иронау, уый фæстæ йæ ныффыссын уырыссагау».

Аив ныхас скъолайы.

Цард домы цæмæй алы адæймаг дæр дзура раст, рæсугъд, æнæкъуылымпыйæ. Уый та аразгæ у ахуыргæнæгæй, телеуынынады, газеты, радиойы кусджытæй. Цыбыр дзырдæй – нæ интеллигенцийæ. Æвзаджы культурæйыл кусын хъæуы скъоладзаутимæ суанг сæ сабийы бонтæй фæстæмæ.

Астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ цæуынц литературон æвзаджы растфыссынады пунктуацион æмæ грамматикон нормæтæ. Кæд уыд се ’ппæт ахуыргæнæн пълантæм хаст не ’рцыдысты, уæддæр ахуыргæнæг хъуамæ 1-аг къласæй фæстæмæ бæстон куса ныхасы растдзинад æмæ аивдзинадыл.

Сывæллæттæ 1-аг къласмæ куы ’рбацæуынц, уæд сæ ныхасы хъæд вæййы алыхуызон. Æмæ суанг раидианæй ахуыргæнæджы хæс у сывæллæттимæ ныхасы культурæйыл кусын. Зæгъæм, 1-æм къласы скъоладзаутæн амонын хъæуы раст дзурын мыртæ, дзырдтæ, практикон æгъдауæй зонгæ кæнын хъуыдыйæдтимæ: дзырдтæ фæрстытæм гæсгæ хицæн кæнын, æртæ-цыппар дзырдæй хъуыдыйæдтæ аразыныл, фарстæн æххæст дзуапп дæттын.

Зæгъæм: Ахуыргæнæг дæтты хъуыдыйад: Сабитæ сæхи цæттæ кæнынц бæрæгбонмæ. Фарст: Кæуыл цæуы ныхас? Дзуапп: Сабитыл.

Ахуыргæнæг хъуамæ бадома æххæст дзуапп, ома афтæ: ацы хъуыдыйады ныхас цæуы, сабитæ сæхи бæрæгбонмæ кæй цæттæ кæнынц æмæ а.д.

Иуæй-иутæ афтæ хъуыды кæнынц, цыма литературон æвзагыл дзурын æмæ фыссын æнцон хъуыддаг у. Æвзагæн йæ бон у уыцы иу хъуыды цалдæр хуызы зæгъын.

Фæлæ уыдонæй авторы хъуыды æххæстдæрæй, аивдæрæй чи равдисдзæн, уый æвзарын хъæуы.

Алы урочы дæр рахицæн хъæуы цалдæр минуты, цæмæй скъоладзаутæ кæрæдзиимæ аныхас кæной «сыгъдæг» æвзагыл, раттын сын темæтæ: «Куыд арвыстон ’знон мæ бон», «Цавæр чиныг кæсын», «Мæ мадæн куыд æххуыс кæнын» æмæ а.д. Ахæм куыст ахъаз у сколадзаутæн сæ хъуыдытæ æнцонæй æмæ аивæй дзурынæн.

Ахуырдзаутæ чингуытæ куыд кæсынц, конференцитæм куыд цæттæ кæнынц, уый базоныны тыххæй Æрæфы районы цалдæр къласы скъоладзаутæн байуæрстой анкетæтæ ахæм фæрстытимæ:

  1. Цал чиныджы бакастæ фæстаг аз?
  2. Дæ зæрдæмæ тынгдæр цавæр чингуытæ цæуынц?
  3. Чи у дæ уарзон фыссæг?
  4. Чиныг кæсгæйæ дæ зæрдæмæ арфдæр цы бахъæры?
  5. Дыккаг хатт ма чиныг искуы бакасыс?
  6. Чиныг кæсгæйæ цавæр бынæттæ фæуадзыс?

Ацы фæрстытæ ратгæйæ базыдтам, ахуырдзаутæ куыд кæсынц, стæй цавæр чингуытæ, цавæр бынæттæ фæуадзынц кæсгæ-кæсын. Куыд рабæрæг афтæмæй скъоладзаутæ фылдæр уарзынц абоны царды цаутыл кæсын, уымæн æмæ абоны цард сæхи цардмæ хæстæгдæр у.

Ахæм анкетæтæ ахуыргæнджытæн æххуыс сты сæ дарддæры куысты. Бамбарынц, ныхасы рæзтыл канд урокты нæ, фæлæ фæсурокты дæр фылдæр кусын кæй хъæуы, уый.

Комментировать
0
Комментариев нет, будьте первым кто его оставит

;) :| :x :twisted: :sad: :roll: :oops: :o :mrgreen: :idea: :evil: :cry: :cool: :arrow: :P :D :???: :?: :-) :!: 8O

Это интересно
Adblock
detector